24 Уд бацыди мӕ мидӕг, слӕууын мӕ кодта мӕ къӕхтыл. Дунедарӕг мын загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн.
Ӕмӕ мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз схайджын дӕн Удӕй, ӕмӕ мӕ Уый слӕууын кодта мӕ къӕхтыл. Уӕд фехъуыстон мемӕ Дзурӕджы.
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».
Ӕз, Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ сӕ мидӕг царды комулӕфт бацыд, райгас сты ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл — тынг бирӕ, ӕнӕнымӕц бирӕ ӕфсад.
Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.