Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 3:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕцӕг, тӕригъӕды ма бацӕуа, зӕгъгӕ, раст адӕймагӕн зонд куы бацамонай, ӕмӕ уый тӕригъӕд ми куынӕ сараза, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕни уый дӕр, раст зонд ын кӕй бацамындӕуыд, уый фӕрцы, ӕмӕ ды дӕр дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 3:21
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.


Куырыхонӕн зонд бацамон, ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн, раст адӕймаджы сахуыр кӕн, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.


Рагацау ӕй куы бахизай, дӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадз, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уый куынӕ ныууадза, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.


Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.


Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.


Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа.


Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.


Лӕмбынӕг кӕс дӕхимӕ ӕмӕ ахуырадмӕ, афтӕ кӕн иудадзыг — уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ.


Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа.


уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл ис, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ йын барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ