13 Ноджы ма фехъуыстон цӕрӕгойты базырты, кӕрӕдзиуыл чи ӕндзӕвы, уыдоны уынӕр, стӕй цӕлхыты гыбар-гыбур цӕрӕгойты раз, уый уыди ӕрвнӕрды уынӕрау.
Ӕмӕ, цыма тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ дӕм куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Дунедарӕг рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ».
Алы суанцъыйӕн дӕр уыди цыппар цалхы, ӕрхуы сӕмӕнтимӕ. Йӕ цыппар фисыныл — агуромӕнтӕ, дидинджыты чъинатимӕ уыдысты иу джиппы уагъд.
Ӕз сӕм кастӕн, ӕмӕ мӕнӕ зӕххыл, уыцы цыппарцӕсгомджын удгоймӕгтӕн сӕ алкӕй раз дӕр — фӕйнӕ цалхы.
Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.
Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.