11 Ацу хаст адӕммӕ, дӕ адӕммӕ, ӕмӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.“ Хъусдзысты дӕм ӕви нӕ, уымӕ-иу ма кӕс».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.
Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн, адӕймаджы фырт: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ ма Мӕ ноджыдӕр куыд ӕфхӕрдтой уӕ фыдӕлтӕ, гадзрахатӕй-иу Мыл рацыдысты.
Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар.
Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!»
Уӕд бацыдтӕн Кевары доны цур Тел-Авивы цӕрӕг хаст адӕммӕ. Уым баззадтӕн ӕмӕ сӕм авд боны зӕрдӕнкъуыстӕй фӕдӕн.
Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.
Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Рӕстгӕнӕджы йӕ рӕстад нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд куы сараза, уыцы бон, фыдгӕнӕг та йӕ раздӕры фыдракӕндты тыххӕй нӕ бабын уыдзӕн, куы сӕ ныууадза, уӕд; рӕстгӕнӕг дӕр, тӕригъӕд ми куы ракӕна, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн.
Дӕ адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ раст не сты, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та сӕхи хъуыддӕгтӕ не сты раст.
«Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн фехъусын кӕн Мӕ ныхас: Ӕз искӕцы бӕстӕйыл фыдгулы кард куы ныххуырсон, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕм се ’хсӕнӕй хъахъхъӕнӕг равзарой сӕхицӕн.
Адӕймаджы фырт! Дӕу тыххӕй дӕ адӕм сисрӕбынты ӕмӕ хӕдзӕртты къӕсӕртыл дзурынц иу иннӕмӕн, ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн: „Цӕут, байхъусут, Дунедарӕгӕй цы ныхас рацыд, уымӕ“.
Де ’мбӕстӕгтӕ дӕ куы фӕрсой, дӕ къухы уый цы амоны, зӕгъгӕ,
Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.
Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».
Загъта мын: „Рӕвдз цӕугӕ дӕлӕмӕ: дӕ адӕм, Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон, сӕнӕуаг сты. Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй тагъд фӕзылдысты: сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд гуымиры“.