10 Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар.
Йӕ зондамындмӕ Йын байхъус ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр.
Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд, зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у, цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Байхъус, адӕймаг, цы дын зӕгъын, уымӕ. Ацы ӕгоммӕгӕс адӕмау хивӕнд ма у. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ бахӕр, цы дын раттон, уый».
Ацу хаст адӕммӕ, дӕ адӕммӕ, ӕмӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.“ Хъусдзысты дӕм ӕви нӕ, уымӕ-иу ма кӕс».
Алмаси ӕмӕ ӕхсондур куыд фидар сты, афтӕ дӕ сфидар кӕндзынӕн Ӕз. Ма тӕрс, тас дӕ ма бацӕуӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты змӕнтӕг адӕм».
Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ, махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ — Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.
Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.