Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 28:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 28:2
40 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр уыдонӕй фӕхъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ Хуыцауы ӕмсӕр суыдзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый базондзыстут».


Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.


Раст, Дунедарӕг, уадз адӕймаг йӕхи бӕрзонд ма сӕвӕра, адӕмты ӕрлӕууын кӕн Дӕ тӕрхоны раз.


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.


Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?


Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн, уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты, сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты. Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн, ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг, кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн, ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ.


Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.


Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.


Сисдзысты дыл хъарӕг: „Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар, денджызонты цӕрӕн бынат! Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ — цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ. Денджызгӕрон адӕмтӕ ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы.


Дӕ фидауцӕй схъал дӕ, дӕ цытуарзагӕй байсӕфтай дӕ уӕлзонд. Ӕмӕ дӕ Ӕз ӕрӕппӕрстон зӕхмӕ, паддзӕхты раз дӕ фӕхудинаг кодтон.


Ӕмӕ уӕд дӕ марӕджы раз дӕр, адӕймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ зӕгъдзынӕ, мыййаг, ӕз хуыцау дӕн, зӕгъгӕ?


Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


Мысыры зӕхх ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ды, фараон, афтӕ загътай, Нил мӕн у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал,


Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Цӕгаты паддзах кады аккаг не скӕндзӕн нӕдӕр йӕ фыдӕлты хуыцӕутты, нӕдӕр, сылгоймӕгтӕ кӕй уарзынц, уыцы хуыцауы. Иу хуыцауы дӕр нӕ нымайдзӕн, йӕхи ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.


Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни.


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


ӕввахс сӕм чи у, уыцы Хамат дӕр, стӕй Тир ӕмӕ хинӕйдзаг Сидон дӕр.


уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.


уӕд, чи зоны, уӕхиуыл фервӕссат ӕмӕ уӕ ферох уа, Мысырӕй, уацарӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа.


Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, зӕд мӕ акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ