8 Сидон ӕмӕ Арвады цӕрджытӕ дӕ бӕлӕгътӕрджытӕ уыдысты, къухӕй дӕсныйӕ дӕм чи уыд, уыдон та — дӕ наутӕрджытӕ.
Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,
арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Фӕстӕдӕр ханаанаг мыггӕгтӕ ахӕлиу сты алы рӕтты:
Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».
Хирам ын уырдӕм, денджызон хъуыддӕгты баххуысы охыл, Соломоны адӕмимӕ фӕлтӕрдджын наудзогты арвыста.
арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ.
Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр, Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр, Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.
Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.
Арвадӕгтӕ ӕд ӕфсад дӕ алыварс лӕууыдысты дӕ бырутыл, гаммадӕгтӕ — дӕ мӕсгуытыл. Дӕ алыварс-иу дӕ систыл сӕ уартытӕ ӕрцауыгътой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй ноджы рӕсугъддӕр сдӕ.
Дӕ наутӕрджыты цъӕхахстӕй дӕ сыхаг адӕмтӕ ныккӕрздзысты.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сидоны ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.
Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.