5 Сениры кипарисӕй дын сарӕзтой дӕ чъилтӕ, Ливанӕй ласт кедрӕй дын ӕрцамадтой дӕ наухъилтӕ,
Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ.
Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.
Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста.
Стонг заман ӕруагъта зӕххыл, иу ӕфсир нӕ ныууагъта бӕстыл.
Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,
Мӕ къайаг, цом мемӕ Ливанӕй! Фӕтагъд мӕм кӕн Аманайы хохы сӕрӕй, Сенир ӕмӕ Ермоны бӕрзӕндтӕй, домбӕйтты лӕгӕтӕй, фыранчытӕ цы хӕхты ’мбӕхсынц, уырдыгӕй!
Кипаристӕ ӕмӕ ливайнаг кедртӕ цин кӕнынц ӕмӕ дзурынц дӕу тыххӕй: «Ды мӕрдвынӕй куы бадӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм ничиуал цӕуы цӕгъдынмӕ».
Денджызы астӕу лӕууыс — науӕнгӕс — хорз дӕ сфӕлыстой дӕ аразджытӕ, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст.
(Ермон сидойнӕгтӕ хонынц Сирион, аморӕгтӕ — Сенир),