Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 27:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дӕ базайрӕгтӕн, дӕ исбонӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодта Дамаск. Уӕй дын кодта хелбойнаг сӕн ӕмӕ цахайраг къуымбил.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 27:18
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дамаск Арамы сӕйраг сахар у, Дамаскы сӕр та — Рецин. Фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд ефремонтӕ адӕмты хыгъды дӕр нал уыдзысты.


ӕмӕ дзы Дамаскы синагогӕтӕм фыстӕджытӕ ракуырдта, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй, усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕрбакӕна Йерусалиммӕ.


Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»


Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Ведан ӕмӕ Йаваны байзӕддаг, Узалы цӕрджытӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дӕуӕн лӕвӕрдтой куырдадзы цагъд ӕфсӕн, ноджы ма лавры сыф ӕмӕ ӕндӕр хъацӕнтӕ.


Денджызты сӕудӕджер кӕнгӕйӕ, ды бирӕ адӕмты ӕфсӕстай. Ныккӕнӕн дын цы исбонӕн нӕ уыд, уымӕй-иу сыхаг паддзӕхты схъӕздыг кодтай.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ