Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дӕ быруты раз дын сӕвӕрдзӕни сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ фехалдзӕн йе ’фсӕн мӕцъистӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:9
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы скӕнын кодта диссаджы дӕсны арӕзт ӕхсӕнгӕрзтӕ дӕр, мӕсгуытӕй ӕмӕ сахары систы тигътӕй фӕттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхсынӕн. Йӕ кой дардыл айхъуысти, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕххуыс райста, цалынмӕ йӕ хъомыс нӕ сырӕзти, уӕдмӕ.


Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.


Йӕ бӕхты къӕхты рыджы бын фӕуыдзынӕ, дӕ бырутӕ нынкъуысдзысты уӕрдонджынты хъӕрахст ӕмӕ уӕрдӕтты гыбар-гыбурӕй, дӕ кулдуарыл дӕм, чи ныппырх ис, ахӕм сахармӕ цӕуӕгау куы фӕцӕйцӕуа, уӕд.


Уыдон Тиры систӕ ныппырх кӕндзысты, йӕ мӕсгуытӕ йын ныддӕрӕн кӕндзысты. Ӕз ын йӕ хӕлддзӕгтӕ дӕр ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ гомгӕрцц къӕдзӕх фестын кӕндзынӕн.


Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ