Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир, дӕ ныхмӕ дын цӕгатӕрдыгӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах, паддзӕхты паддзах Навуходоносоры, йе стыр ӕфсадимӕ, ӕд бӕхтӕ, ӕд уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхджынтӕ, ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:7
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Ӕз, Артаксеркс, паддзӕхты паддзах, сауджын Езрайӕн, Уӕларвон Хуыцауы алцӕмӕй ӕххӕст Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕгӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр,


Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Йемӕ хӕларӕй дзырдта ӕмӕ йӕ Вавилоны иннӕ паддзӕхтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта.


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


цӕмӕй йын уыцы паддзахад уа коммӕгӕс ӕмӕ йӕхиуыл дӕр мауал схӕца, йӕ фидыд дӕр ма фехала.


Гӕрзифтонгӕй дӕм ӕрбацӕудзысты бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттимӕ, сӕ бирӕ ӕфсадимӕ, алырдыгӕй дыл ӕртыхсдзысты згъӕрхӕдӕттӕ, такатӕ ӕмӕ уартытимӕ. Ӕз дӕ сӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын сӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стӕрхон кӕндзысты.


уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ.


уый тыххӕй дын Ӕз дӕ ныхмӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕндӕрбӕстӕгты, адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ уыдон сласдзысты сӕ кӕрдтӕ дӕ цӕхӕркалгӕ уӕлзондмӕ ӕмӕ дын фегад кӕндзысты дӕ диссаджы фидауц.


Паддзах! Ды дӕ паддзӕхты паддзах! Уӕларвон Хуыцау дӕ скодта паддзахад, хъомыс, тых ӕмӕ кады аккаг,


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ