Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Денджызы былгӕрон дын цы чызджытӕ цӕрынц, уыдон та карды амӕттаг бауыдзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:6
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ аммонаг Раввайы цур тохы хъӕртӕ райхъуысдзысты. Хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, йӕ чызджытӕ арты басудздзысты, ӕмӕ Израил, кӕй дӕлбар уыди, уыцы адӕмӕн хицау суыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ды дӕ чызджытимӕ цытӕ кодтай, уыдӕттӕ дӕ хо Содом нӕдӕр йӕхӕдӕг кодта, нӕдӕр сӕ йӕ чызджытӕ кодтой.


Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр,


Моавыл дӕр Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Едомӕй Мӕ маст райсдзынӕн Мӕ адӕм Израилы къухӕй, Мӕ азар сыл ныххуырсдзысты уыдон, ӕмӕ уӕд едомӕгтӕ базондзысты, Ӕз Мӕ маст куыд фӕисын, уый“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕгъатырӕй сӕ райсдзынӕн Мӕ маст ӕмӕ сыл ныккалдзынӕн Мӕ азар. Мӕ маст сӕ куы райсон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Раввайы сахарӕй теуаты хизӕнуат скӕндзынӕн, аммонӕгтӕн сӕ иннӕ сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕй та — фосдарӕнтӕ лыстӕг фосӕн. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ