Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Денджызы астӕу кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕнынц, ахӕм бынат фестдзӕни, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Адӕмтӕ дӕ хӕлӕттаг фӕкӕндзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:5
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Айнӕг къӕдзӕх дӕ фестын кӕндзынӕн, кӕфахсӕн хызтӕ хусгӕнӕн бынат суыдзынӕ ӕмӕ ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцӕудзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, Дунедарӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕдзӕрӕг сахартау дӕ куы сафтид кӕнон, денджыз дыл куы ныххуырсон ӕмӕ дӕ йӕ бирӕ уылӕнтӕ сӕ быны куы фӕкӕной,


Сӕ сӕфты бон дыл сисдзысты хъарӕг: „Фурды астӕу Тиры хуызӕн чи бабын ис!“


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе ’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг.


Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ