4 Уыдон Тиры систӕ ныппырх кӕндзысты, йӕ мӕсгуытӕ йын ныддӕрӕн кӕндзысты. Ӕз ын йӕ хӕлддзӕгтӕ дӕр ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ гомгӕрцц къӕдзӕх фестын кӕндзынӕн.
Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.
Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.
Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.
Дӕ быруты раз дын сӕвӕрдзӕни сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ фехалдзӕн йе ’фсӕн мӕцъистӕй.
Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.
Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин.