Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, —

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:2
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Айнӕг къӕдзӕх мын басгуых — мӕ сӕр-иу кӕм бафснайон. Фервӕзын мӕ кӕн: Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар.


Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон суадӕттӕ ссарынц, арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда.


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


Тир ӕмӕ Сидоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


Иудейаг паддзах Цедекиамӕ минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ уыдонимӕ Едом, Моав, Тир, Сидон ӕмӕ Аммоны фыртты паддзӕхтӕм арвит.


Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.


Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


Моавы зӕхх дӕр аммонӕгты зӕххимӕ иумӕ Скӕсӕны адӕмтӕн ратдзынӕн, аммонӕгтӕн адӕмты ’хсӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Израилы зӕххыл ӕлгъгӕнгӕйӕ, цинӕй кӕй радыстут, уӕ къухтӕй къӕрццӕмдзӕгъд кӕй кодтат ӕмӕ уӕ къӕхтӕй зӕхх кӕй хостат,


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Моав ӕмӕ Сеир фидистӕгӕнгӕ афтӕ кӕй дзурынц, иудейӕгтӕ дӕр иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ,


Нӕ ахасты иуӕндӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Афтӕ кӕй дзырдтай, ацы дыууӕ адӕмы ӕмӕ ацы дыууӕ бӕстӕйы мӕн уыдзысты ӕмӕ сӕ нӕхи бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, — афтӕмӕй та уым Дунедарӕг царди, —


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ,


Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн,


дарддӕр фӕзылд Рамамӕ, бацыди фидар сахар Тиры онг, фӕзылди Хосамӕ ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттыл банцад. Уымӕй уӕлдай Асиры зӕххытӕм хаудтой Махалав, Ахзив,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ