Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:12
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Езекиа тынг хъӕздыг ӕмӕ кадджын паддзах уыди. Уый сарӕзта хӕзнадӕттӕ йе ’взист ӕмӕ йӕ сызгъӕринӕн, хӕзнадуртӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, уартытӕ ӕмӕ алы зынаргъ дзаумайӕн.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.


Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?


Фыр адӕргӕй хойут уӕ риутӕ! Кӕут рӕсугъд хуымтӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры зад талайыл!


Фыййӕуттӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Рӕгъауы фӕтӕгтӕ, уӕхиуыл рыг ӕркалут, уымӕн ӕмӕ уе ’ргӕвдыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ; ныххӕлиу уӕ кӕндзысты, ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ныппырх уыдзыстут.


Хъахъхъӕнджыты хицауимӕ цы халдейаг хӕстонтӕ уыди, уыдон Йерусалимы систӕ дӕр ныззыгуым кодтой.


Денджызы астӕу кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕнынц, ахӕм бынат фестдзӕни, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Адӕмтӕ дӕ хӕлӕттаг фӕкӕндзысты.


Дӕлдзӕхмӕ дӕ ныппардзысты, ӕмӕ, тыхмард кӕй акӕнынц, уыдонау фурды астӕу амӕлдзынӕ.


Паддзахады хуыцаугӕндтӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ, алыхуызон хӕзнатӕ, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — алцыдӕр йӕхи бакӕндзӕн. Мысырмӕ сӕ аласдзӕн ӕмӕ цалдӕр азы цӕгаты паддзахы нал бахъыгдардзӕн.


Йе ’фсымӕртӕй уал амондджындӕр зынӕд, фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй фӕзындзӕн скӕсӕйнаг дымгӕ, Дунедарӕджы дымгӕ, ӕмӕ йӕ суадоны цӕст бахус уыдзӕн, йӕ донгуырӕн ӕрбайсӕфдзӕн; йӕ хӕзнадоны йын иунӕг хӕзна дӕр нал ныууадздзӕн.


Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.


Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.


Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ