11 Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл.
Уый раппӕрста, уӕлиау чи царди, уыдоны, бӕрзонд лӕууӕг сахар ныппырх кодта ӕмӕ йӕ рыджы хай бакодта.
Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.
Мысыры цы Хуры кувӕндон ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ ныззыгуым кӕндзӕн, мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ басудздзӕн“».
Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!
Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.