Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 26:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йӕ бӕхты къӕхты рыджы бын фӕуыдзынӕ, дӕ бырутӕ нынкъуысдзысты уӕрдонджынты хъӕрахст ӕмӕ уӕрдӕтты гыбар-гыбурӕй, дӕ кулдуарыл дӕм, чи ныппырх ис, ахӕм сахармӕ цӕуӕгау куы фӕцӕйцӕуа, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 26:10
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Гӕрзифтонгӕй дӕм ӕрбацӕудзысты бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттимӕ, сӕ бирӕ ӕфсадимӕ, алырдыгӕй дыл ӕртыхсдзысты згъӕрхӕдӕттӕ, такатӕ ӕмӕ уартытимӕ. Ӕз дӕ сӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын сӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стӕрхон кӕндзысты.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тиры сахарӕн: «Куы ныппырх уай, уӕд дӕ уынӕрӕй, дӕ цӕфты хъӕрзынӕй денджызы был сакъадӕхтӕ нынкъуысдзысты!


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир, дӕ ныхмӕ дын цӕгатӕрдыгӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах, паддзӕхты паддзах Навуходоносоры, йе стыр ӕфсадимӕ, ӕд бӕхтӕ, ӕд уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхджынтӕ, ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ.


Дӕ быруты раз дын сӕвӕрдзӕни сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ фехалдзӕн йе ’фсӕн мӕцъистӕй.


Дӕ наутӕрджыты цъӕхахстӕй дӕ сыхаг адӕмтӕ ныккӕрздзысты.


Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.


Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ