Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 24:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, туг кӕм ныккалди, уыцы сахар! Ӕз скӕндзынӕн стыр арт;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 24:9
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!


Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн.


«Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


ды-иу ыл суг бафтау ӕмӕ йӕ тынгдӕр сцырын кӕн, дзидзатӕ куыд стайой, афтӕ. Стӕй, сӕ бас куы байсыса, уӕд стджытӕ дӕр стайдзысты.


хӕрзхаст фысты дзидза ӕмӕ стджытӕй. Аджы бын-иу ӕндзаргӕ дӕр стджытӕй бакӕн ӕмӕ-иу аг рафыцын кӕн, йӕ мидӕг стджытӕ дзӕбӕх куыд стайой, афтӕ“».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, тугныккалдӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Додойаг у, чи сызгӕ ӕмӕ йе згӕ кӕмӕн не ссыди, уыцы аг! Хай хайы фӕдыл исут йӕ хуылфӕй, хӕлттӕ сыл не ’ппаргӕйӕ.


Додой йӕ къона тугӕйдзаг сахарӕн! Йемыдзаг у фӕлывд ӕмӕ лӕгмарӕй, стигъынӕн дзы нӕй кӕрон!


«Додой йӕ къона, йӕ сахар туг ӕмӕ фыдмитыл чи аразы, уымӕн!»


Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Ӕмӕ сӕнӕфсиры гагатӕ лӕмӕрст ӕрцыдысты, фӕссахар цы сӕндуцӕн уыд, уым; сӕндуцӕнӕй туг ракалд ӕмӕ хӕрдмӕ бӕхы рохты онг фӕцыди, йӕ дӕргъ та анхъӕвзта мин ӕхсӕзсӕдӕ стадийы онг.


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ