8 Ӕз уыцы туг айнӕг къӕдзӕхыл уымӕн ныууагътон, цӕмӕй ма басусӕг уа, ӕмӕ Мӕ маст ссудза маст исыны охыл».
Кӕй Мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй ацы бынатмӕ Мӕ маст ссудздзӕн, ӕмӕ нӕ бамынӕг уыдзӕн“.
уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.
Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»
Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ.
О, фӕлӕ сын рӕстгӕнджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнӕг. Бакӕндзысты сын, хӕтаг устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕн цы бачындӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕтаг устытӕ сты, уыимӕ сӕ къухтӕ самӕстой туджы.
Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.
Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
«Додойаг фӕдӕ, додойаг, гӕн хъуымацӕй, сырх ӕмӕ сӕнт сырх уӕфтӕгтӕй дарӕс кӕуыл ис, сыгъзӕринӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ дзындзытӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!