7 Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.
Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“ Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“».
О зӕхх! Мӕ туг мын ма басусӕг кӕн — мӕ фӕдисхъӕр мын дӕ хуылфы ма бамбӕхс!
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.
Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай!
Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ.
О, фӕлӕ сын рӕстгӕнджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнӕг. Бакӕндзысты сын, хӕтаг устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕн цы бачындӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕтаг устытӕ сты, уыимӕ сӕ къухтӕ самӕстой туджы.
Израилӕгтӕй, науӕд се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи цуаны, йӕ фыд хӕрын кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы амара, уӕд-иу ын йӕ туг рауадзӕд ӕмӕ-иу туг сыджыты бын фӕкӕнӕд,
Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау.
Ма йӕ бахӕр! Донау ӕй акал зӕхмӕ.