4 стӕй дзы ныккал дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕ: сины стджытӕ ӕмӕ сгуытӕ, байдзаг ӕй кӕн ӕвзаргӕ стджытӕй —
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ.