Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 24:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 24:3
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!»


Мӕргътӕн холыйӕн радтой Дӕ цагъарты мӕрдтӕ, хъӕддаг сырдтӕн — Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


Дунедарӕг мын ногӕй фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Фыцгӕ цӕджджинаг, цӕгатӕрдыгӕй фӕкъул ис».


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы зӕххы цӕрджытӕм цӕгатӕй ӕрбагуылф кӕндзӕн бӕллӕх.


Ацы сахар сымахӕн аг не суыдзӕн, сымах та дзы нӕ уыдзыстут дзидза. Израилы зӕххыл уын стӕрхон кӕндзынӕн,


Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: сахары мидӕг кӕй амардтат, уыдон сты дзидза, сахар та — аг. Фӕлӕ сымах Ӕз уырдыгӕй ракӕндзынӕн.


«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.


Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.


«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд.


Ӕмӕ мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз схайджын дӕн Удӕй, ӕмӕ мӕ Уый слӕууын кодта мӕ къӕхтыл. Уӕд фехъуыстон мемӕ Дзурӕджы.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.


Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.


Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.


Байхъус, адӕймаг, цы дын зӕгъын, уымӕ. Ацы ӕгоммӕгӕс адӕмау хивӕнд ма у. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ бахӕр, цы дын раттон, уый».


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Уайдзӕф мын кӕнынц, ай нын ӕмбисӕндтӕй цы дзуры, зӕгъгӕ».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, тугныккалдӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Додойаг у, чи сызгӕ ӕмӕ йе згӕ кӕмӕн не ссыди, уыцы аг! Хай хайы фӕдыл исут йӕ хуылфӕй, хӕлттӕ сыл не ’ппаргӕйӕ.


Алмаси ӕмӕ ӕхсондур куыд фидар сты, афтӕ дӕ сфидар кӕндзынӕн Ӕз. Ма тӕрс, тас дӕ ма бацӕуӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты змӕнтӕг адӕм».


Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ