Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фарӕстӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 24:1
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Паддзах Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл цыди фарӕстӕм аз. Уыцы азы дӕсӕм мӕйы Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ сахары алыварс ӕртыхсти.


Цедекиайӕн йӕ хицаудзинадыл дӕсӕм аз куы цыд, уӕд дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон Йерусалиммӕ ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’ппӕт ӕфсадимӕ. Сахарыл ӕртыхсти ӕмӕ йын йӕ алыварс хӕцӕн бырутӕ самайын кодта.


Мӕйы фӕндзӕм бон (Йехониайы уацары куы акодтой, уымӕн йӕ фӕндзӕм аз),


Ӕвдӕм аз, фӕндзӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мӕм Израилы хистӕртӕ ӕрбацыдысты, Дунедарӕджы бафӕрсыны охыл, ӕмӕ ӕрбадтысты мӕ разы.


Сымахыл та ныххуырстӕуыдзӕн уӕ хъахбайы азым; уӕ гуымирытимӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтат, уыдоны тыххӕй баййафдзыстут ӕфхӕрд. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».


«Адӕймаджы фырт! Абоны бон дӕхимӕ ныффысс, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ ацы бон Вавилоны паддзах ӕрхъула кӕндзӕн Йерусалимыл.


Нӕ ахасты иуӕндӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Нӕ ахасты авд ӕмӕ ссӕдзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд».


Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.


Ӕхсӕзӕм аз, ӕхсӕзӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары, Иудейы хистӕртӕ дӕр — мӕ разы, ӕмӕ мыл уым Дунедарӕг Хуыцауы къух бандзӕвыд.


— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ