9 Уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны, йӕ ассириаг хӕзгулты, къухтӕм.
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ Дунедарӕг фӕсырдта Йӕ цурӕй, Йӕ лӕггадгӕнӕг пехуымпарты уылты рагацау куыд дзырдта, афтӕ. Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ ныронг дӕр ма уым сты.
уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.
Израилы чызджы, сайдӕй рацӕуӕджы, Ӕз йӕ хъахбай миты тыххӕй куы арвыстон ӕмӕ йын уагъды ӕвдисӕндар куы радтон, уӕд федтон, йӕ мӕнгард хо Иудей кӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ уый дӕр ӕнӕуаг митыл кӕй бафтыд.
О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».
уый тыххӕй дын Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн де ’ппӕт хӕзгулты дӕр, дӕхи кӕмӕй рӕвдыдтай ӕмӕ кӕй уарзтай, уыдоны, стӕй, де сӕфт кӕмӕй уыдтай, уыдоны. Алырдыгӕй дӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕаллайаг кӕндзынӕн сӕ разы, ӕмӕ дын уыдон дӕ худинагмӕ кӕсдзысты.
Семӕ ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ, ӕргомӕй йӕ мондӕгтӕ ӕфсадыныл куы схӕцыд, уӕд дзы Ӕз та, ӕлгъгӕнгӕ, Ме ’ргом аздӕхтон, уымӕй размӕ йын йӕ хойыл Мӕхи куыд атигъ кодтон, афтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ, Охолива, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз дыл сардаудзынӕн дӕ хӕзгулты, дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны. Алырдыгӕй сӕ ӕрбакӕндзынӕн дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ:
Мысырмӕ сын аздӕхӕн нал ис, фӕлӕ Ассири суыдзӕни сӕ паддзах, уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Мӕныл.
Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.