Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 23:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хистӕр хойӕн йӕ ном уыди Охола, кӕстӕрӕн та — Охолива. Уыдон Мӕ къухы уыдысты, ныййардтой Мын фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. Охола у Самари, Охолива та — Йерусалим.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 23:4
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.


Ӕхсӕвӕй уа, бонӕй, Де ’ргом макуы аздах ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар Дӕм кувы, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, ӕмӕ йын айс йӕ куывд.


Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый.


Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.


Ӕмӕ йын Ӕз йе ’ппӕт хъуыддӕгты фӕстӕ загътон: «Раздӕх Мӕм!» Фӕлӕ Мӕм нӕ раздӕхти, ӕмӕ уый йӕ мӕнгард хо Иудей дӕр федта.


Цы фырттӕ ӕмӕ Мын чызджытӕ ныййардтай, уыдоны-иу сын нывондӕн ӕрхастай, цӕмӕй сӕ уыдон аныхъуырой. Хъахбай кӕй уыдтӕ, уый дын ӕгъгъӕд нӕ уыди,


Уый фӕстӕ дӕ ныхмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты адӕмы, ӕмӕ дӕ уыдон амардзысты дуртӕй ӕмӕ дӕ акъӕртт кӕндзысты сӕ кӕрдтӕй.


Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.


Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.


Се ’взонгӕй фӕстӕмӕ хӕтыны къахыл ныллӕууыдысты Мысыры бӕсты. Уым ӕууӕрст цыдысты сӕ риутӕ, сӕ чызгон дзидзитӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Охола ӕмӕ Охоливайӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Радзур сын се ’лгъаг митӕ.


Фӕлӕ йӕм уӕддӕр цыдысты хӕтаг сылмӕ цӕуӕгау; афтӕмӕй сӕхи ирхӕфстой хъахбай устытимӕ — Охола ӕмӕ Охоливаимӕ.


Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.


Ӕмӕ Осиа бавдӕлд ӕмӕ Дивлаимы чызг Гомеры ӕрхаста. Гомер басывӕрджын ӕмӕ йын фырт ныййардта.


Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».


Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та Кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейӕгтӕй цӕуы.


Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ