8 Ды Мын Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ ницӕмӕ дарыс, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын фӕчъизи кӕныс.
Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
Кад кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон сты фидыды нысан Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн, цӕмӕй зонат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“.
Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.
Уымӕн ӕмӕ Мын не ’ххӕст кодтой Мӕ амындтытӕ, суӕлӕхох сты Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ фӕчъизи кодтой Мӕ сабӕттӕ. Се ’ргом аздӕхтой, сӕ фыдӕлтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы гуымирытӕм.
Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кад кӕнут Мӕ Уаз Цӕрӕнӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.