Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 22:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фехъусын ын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Мӕнӕ, йӕхи фыдӕнӕн йӕ адӕмы туг чи калы ӕмӕ, цӕмӕй йӕхи фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй гуымирытӕ чи аразы, уыцы сахар!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 22:3
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕппӕт уыдӕттӕ Дунедарӕг Иудейӕн бавзарын кодта Менассиайы тӕригъӕдты, стӕй йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй,


уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.


Фӕлӕ чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц, ӕфхӕрд, фыдбӕллӕх ӕмӕ тухиты бын хъизӕмар куы февзарынц,


Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.


Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


«Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.


Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.


Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ.


Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой.


Уыдон хъахбай митӕ кодтой, сӕ къухтӕ самӕстой туджы, сӕ гуымирытимӕ хӕтыдысты ӕмӕ Мын цы цот ныййардтой, уыдоны сын арты нывондӕн хастой.


О, фӕлӕ сын рӕстгӕнджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнӕг. Бакӕндзысты сын, хӕтаг устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕн цы бачындӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕтаг устытӕ сты, уыимӕ сӕ къухтӕ самӕстой туджы.


Хъахбай митӕ кодта семӕ — Ассирийы уӕздӕттимӕ, йӕхи-иу фӕчъизи кодта, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны гуымирытӕм кувынӕй.


Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сымах дзидза тугимӕ хӕрут, уӕ гуымирытӕм уе ’ргом аздӕхтат, туг калут ӕмӕ ма ноджы зӕхх дӕр уӕхи бакӕнинаг стут?


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Сион самадтат туджы фӕрцы, Йерусалим — ӕнӕхуыцау миты руаджы!


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ