Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 22:2
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай!


Сымах ацы сахары бирӕты фӕмардтат, йӕ уынгтӕ байдзаг сты мӕрдтӕй.


Адӕймаджы фырт! Тӕрхонгӕнинаг сын дӕ ӕви нӕ? Сӕ фыдӕлты ӕлгъаг митӕ сын равдис.


Фехъусын ын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Мӕнӕ, йӕхи фыдӕнӕн йӕ адӕмы туг чи калы ӕмӕ, цӕмӕй йӕхи фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй гуымирытӕ чи аразы, уыцы сахар!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, тугныккалдӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Додойаг у, чи сызгӕ ӕмӕ йе згӕ кӕмӕн не ссыди, уыцы аг! Хай хайы фӕдыл исут йӕ хуылфӕй, хӕлттӕ сыл не ’ппаргӕйӕ.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, туг кӕм ныккалди, уыцы сахар! Ӕз скӕндзынӕн стыр арт;


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.


Додой йӕ къона тугӕйдзаг сахарӕн! Йемыдзаг у фӕлывд ӕмӕ лӕгмарӕй, стигъынӕн дзы нӕй кӕрон!


Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалди, уый:


Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!


Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ