Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 22:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 «Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм Мӕнӕн сыгъдонӕй уӕлдай нал сты. Се ’ппӕт дӕр, куынцгомы кӕй бавӕрдӕуыд, уыцы къала, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ здыйы, ӕвзисты згъӕрсыгъдоны хуызӕн систы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 22:18
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.


Ӕвзист ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ зӕрингуырд мигӕнӕн сараздзӕн;


Де ’взист згъӕры сыгъдонау сси, дӕ сӕн дын схӕццӕ кодтой донимӕ.


Ӕз дӕм Ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн дӕ сыгъдоны чъизийӕ, дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн.


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


Ныр уӕ батайын кодтон, фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ — хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон.


Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уе ’ппӕт дӕр сыгъдоны хуызӕн кӕй систут, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Йерусалимы.


Куынцгомы иумӕ ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ къала куыд бавӕрынц ӕмӕ сыл арт куыд бандзарынц, стайын сӕ кӕныны охыл, афтӕ уӕ Ӕз, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, куынцгомы уӕ бавӕрдзынӕн ӕмӕ уӕ стайын кӕндзынӕн.


Чи нӕ бакува, уый та уайсахат пецы цырен арты баппардзысты!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ