Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 22:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 22:10
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сылгоймагмӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.


Израилы адӕмы гуымирытӕм чи нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй чи нӕ аходы, йӕ хионы усы чи нӕ ӕгад кӕны ӕмӕ йӕхи усимӕ йӕ туг цӕуыны заман чи нӕ ӕрӕмуат вӕййы,


Йӕ фыды бинойнагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый фегад кӕндзӕн йӕ фыды, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.


Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ усы мадимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, йӕ фыды чи фегад кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Исчи сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты.


Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Хӕстӕг уын чи ӕййафа, ахӕм сылгоймагмӕ уӕ мачи бавналӕд, мачи ӕрӕмуат уӕд йемӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ