9 «Адӕймаджы фырт! Зӕгъ пехуымпар ныхас: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кард уӕм ӕрбацӕуы, кард. У цыргъгонд ӕмӕ цӕхӕртӕ калы.
Йӕ буары ахиздзӕн, йӕ маст ын ныппырх кӕндзӕн, мӕрдудхӕрттӕ йыл бафтаудзӕн.
Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕлдай нӕу: ӕмхуызон сафы Уый ӕназымы ӕмӕ ӕнаккаджы.
Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.
Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд.
Сифтындзут уӕ бӕхтӕ ӕмӕ размӕ згъорут, бӕхджынтӕ! Уӕ уӕлӕ згъӕрхудтӕ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ ӕркӕнут! Ӕрцытӕ сцыргъ кӕнут!
Ӕниу, куыд ӕрсабыр уай? Дунедарӕг бардзырд радта, Йӕ кард сарӕзта Ашкелон ӕмӕ денджызы былгӕрӕтты ныхмӕ.
Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.
Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн.
Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн.
Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй ист ӕрцӕудзӕни, хуссарӕй цӕгатмӕ дӕм раст ӕмӕ зылынджынӕй чидӕриддӕр ис, уыдоны ныццӕгъдынмӕ.
Дунедарӕг мын загъта:
Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».