2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!
Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид, мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.
Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ, адӕймаджы фырт».
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз хуссарӕрдӕм, бартхъирӕн кӕн уыцырдӕм ӕмӕ хуссары хъӕдӕн пехуымпар ныхас зӕгъ.
Дунедарӕг мын загъта:
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, туг кӕм ныккалди, уыцы сахар! Ӕз скӕндзынӕн стыр арт;
«Адӕймаджы фырт! Аммонӕгты ныхмӕ де ’ргом сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сидоны ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом аздах фараоны, Мысыры паддзахы ’рдӕм, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн фараон ӕмӕ ӕппӕт Мысыры ныхмӕ.
Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Магогы зӕххыл цӕрӕг Гогмӕ, Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдармӕ, ӕмӕ йын пехуымпар ныхас фехъусын кӕн.
Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.
Де ’ргом ӕмӕ дӕ дысфӕлдӕхт къух ӕрхъулагонд Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Израилы хӕхты ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.
Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»
Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау, цы зӕгъон, уый ратта ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон Фарны Уацы сусӕгдзинад.
Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.