Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 20:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 20:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.


Мӕхи сӕраппонд, ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд ирвӕзын кӕнын сымах — Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн. Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.


Фӕлӕ Ӕз Мӕ къух ӕруагътон ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.


Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.


цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘.


Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.


Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?»


Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.


Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ