Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 20:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «Адӕймаджы фырт! Израилы хистӕртӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ бафӕрсынмӕ ӕрбацыдыстут? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, ницы дзуапп уын ратдзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 20:3
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.


Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.


Чи уӕ домы Мӕ Кувӕндонмӕ цӕуын? Мӕ кӕртытӕ Мын уӕ къӕхтӕй цы ссӕндут?


Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.


Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.


Израилы хистӕртӕ мӕм цалдӕр лӕгӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты.


Лӕвӕрттӕ сын хӕсгӕйӕ ӕмӕ сын уӕ цоты арты нывондӕн судзгӕйӕ, уӕхи фӕчъизи кӕнут уӕ гуымирытӕй. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзуапп агурут Мӕнӕй, Израилы адӕм? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ницы дзуапп уын ратдзынӕн!


Адӕймаджы фырт! Дӕу тыххӕй дӕ адӕм сисрӕбынты ӕмӕ хӕдзӕртты къӕсӕртыл дзурынц иу иннӕмӕн, ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн: „Цӕут, байхъусут, Дунедарӕгӕй цы ныхас рацыд, уымӕ“.


Дунедарӕджы ныхас фехъусыны тыххӕй иу денджызӕй иннӕмӕ, цӕгатӕй скӕсӕнмӕ цӕудзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.


Пехуымпартӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ фӕхудинаг уыдысты, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрӕмбӕрздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг дзуапп нал ратдзӕн».


Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?


Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?


Хуыцау у Уд, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм хъуамӕ кувой Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ».


Дунедарӕджы фарста, фӕлӕ йын Уый нӕдӕр фыны, нӕдӕр уримы руаджы, нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй лӕвӕрдта дзуапп.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ