8 Байхъус, адӕймаг, цы дын зӕгъын, уымӕ. Ацы ӕгоммӕгӕс адӕмау хивӕнд ма у. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ бахӕр, цы дын раттон, уый».
Уыдон райдыдтой кувын Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн, мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.
Мӕ хъустӕ мын байгом кодта, ӕмӕ Йӕм байхъуыстон, мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.
Дунедарӕг мыл Йӕ хъомысджын къух ӕруагъта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, ацы адӕмы ма бафӕзм, зӕгъгӕ. Загъта мын:
Ӕз Дунедарӕджы ныхас сӕххӕст кодтон: рон балхӕдтон ӕмӕ йӕ мӕ астӕуыл ӕрбабастон.
Дӕ ныхас-иу сси мӕ хойраг, ӕз-иу ныццин кодтон Дӕ ныхӕстыл, мӕ зӕрдӕйӕн-иу циндзинад ӕрхастой, уымӕн ӕмӕ мыл сӕвӕрдӕуыд Дӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.
Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.
Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар.
Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй, ӕмӕ ды хъусдзынӕ Мӕ ныхас ӕмӕ сӕ рагацау фӕдзӕхсдзынӕ Мӕ номӕй.
Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Кӕс дӕ цӕстытӕй, хъус дӕ хъустӕй ӕмӕ фиппай, цыдӕриддӕр дын равдисон, уыдӕттӕ. Ардӕм уый тыххӕй конд ӕрцыдтӕ, цӕмӕй дын сӕ равдисон. Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фенай, уый-иу Израилы адӕмӕн радзур».
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.
«Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн.
Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.
Ӕз бацыдтӕн зӕдмӕ ӕмӕ йын загътон: «Ратт мын уыцы чиныг». Уый мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ хуылф дын смаст кӕндзӕн, дӕ дзыхы та мыдау адджын уыдзӕн».