5 Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.
Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг Елисеймӕ фӕхабар чындӕуыдис, Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, зӕгъгӕ. Уый йӕм арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Цӕмӕн афтӕ бакодтай? Уыцы лӕджы ма мӕнмӕ рарвит, уадз ӕмӕ базона, Израилы пехуымпар кӕй ис, уый».
Паддзах Йехудийы тухгӕ чиныгмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ уый нымӕрдар Елишамайы агъуыстӕй ӕрбахаста. Паддзахы ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы уӕздӕтты раз ӕй хъӕрӕй бакасти.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: «Ма ацӕут Мысырмӕ». Зонут: уый уын ӕз абон рагацау фӕдзӕхсын.
«Адӕймаджы фырт! Израилы хиваст адӕм дын, мыййаг, нӕ дзырдтой, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ?
«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,
Фӕлӕ кӕд ӕнаккагӕн зонд амыдтай, ӕмӕ уый йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ ӕнаккаг фӕндаг нӕ ныууагъта, уӕд амӕлдзӕн йӕ фыдракӕндты аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.
Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.
Фӕлӕ дӕ рагуац куы сӕххӕст уа, — ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнын райдыдта, — уӕд базондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый».
Рагацау ӕй куы бахизай, дӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадз, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уый куынӕ ныууадза, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ.
Израилы хиваст адӕмӕн зӕгъ: Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, кӕрон скӕнут уе ’ппӕт ӕнаккаг митӕн.
Ӕз куы не ’рцыдаин ӕмӕ сын куынӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕд ницӕмӕйуал сраст кӕндзысты.
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.
Фӕлӕ кӕд ӕмӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн?