Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Рӕхысбастӕй йӕ къалатийы бакодтой, Вавилоны паддзахмӕ йӕ аластой; уыцы ран ӕй ахӕстоны баппӕрстой, цӕмӕй йӕ рыхын Израилы хӕхтӕй макуыуал райхъуыса.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 19:9
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.


Фараон Нехо йӕ Ривлайы сахары, Хаматы зӕххыл, уацары райста, ӕмӕ ууыл йӕ паддзахиуӕг ахицӕн Йерусалимы. Нехо Иудейӕ ӕрдомдта ивар: ӕвзисты сӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины иу талант.


Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Ныппырх-иу кодта адӕмтӕн сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахартӕ дӕр афтӕ. Йӕ рыхынӕй ныггӕныстон ис ацы зӕхх ӕд хъӕутӕ.


Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не ’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр.


Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Израилы хӕхты ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ