3 Сӕ иуы слӕууын кодта уалынмӕ йӕ къӕхтыл, ӕмӕ тыхджын домбайӕ агӕпп ласта уый; ныттыдта-иу йӕ амӕттаджы: сахуыр, уый адӕмы ныхъуырдта.
Фараон Иудейӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидт йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Ныр Иоахазы та атардта Мысырмӕ, ӕмӕ уый уым амардис.
„Дӕ мад цы домбай уыди, уастӕн! Куы царди домбӕйттӕн сӕ астӕу. Ӕвзонг домбӕйтты цур йӕ лӕппынты куы хаста.
Адӕмты ’хсӕн айхъуысти йӕ кой, ӕмӕ сӕ хъоргъы ’ппӕрст ӕрцыди, рӕхысбастӕй йӕ акодтой Мысырмӕ.
Тыхджын домбай куы басгуыхти йӕ лӕппын, ӕрцарди домбӕйтты ӕхсӕн; уый сахуыр ис йӕ амӕттаджы ахсын ӕмӕ ныхъуырдта адӕмы.
Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис.
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.
Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.