2 „Дӕ мад цы домбай уыди, уастӕн! Куы царди домбӕйттӕн сӕ астӕу. Ӕвзонг домбӕйтты цур йӕ лӕппынты куы хаста.
Тыхджын домбай ӕнӕ амӕттагӕй амӕлы, мадӕл домбайӕн йӕ лӕппынтӕ алырдӕмты ныххӕлиу вӕййынц.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!
Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
«Ды та хъарӕг сис Израилы паддзӕхтыл:
Сӕ иуы слӕууын кодта уалынмӕ йӕ къӕхтыл, ӕмӕ тыхджын домбайӕ агӕпп ласта уый; ныттыдта-иу йӕ амӕттаджы: сахуыр, уый адӕмы ныхъуырдта.
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.
Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.