9 Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ чи нымайы, уый рӕстгӕнӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,
Рӕстдзинады фӕндагыл — цард, йӕ цӕуӕнтыл нӕ сӕмбӕлдзынӕ мӕлӕтыл.
ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».
Фӕлӕ рӕстгӕнӕгӕн абырӕг фырт куы сӕнтыса, искӕй туг чи ныккалы, ахӕм, ӕмӕ, йӕ фыд кӕй никуы бакодта, ахӕм митӕ куы кӕна: кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывондӕгтӕй куы хӕра, йӕ хионы усы куы фӕчъизи кӕна,
йӕхи хизы мӕгуыры афӕливынӕй, пайдайы охыл ӕфстау нӕ дӕтты, ӕххӕст Мын кӕны Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын нымайы Мӕ уагӕвӕрдтӕ, уӕд уый нӕ амӕлдзӕн йӕ фыды тӕригъӕды аххосӕй, ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.
Сымах фӕрсут, фыды азым фыртӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрдомдӕуа, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фырт рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын у, Ме ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын нымайы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.
Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.
Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ куы ратта, цы адавта, уый куы бафида, царддӕттӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы кӕна, уӕд цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.
Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Фыдбылызты бӕсты хорздзинадмӕ тырнут ӕмӕ цӕрдзыстут. Уӕд Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыдзӕнис уемӕ, уӕхӕдӕг куыд зӕгъут, афтӕ.
Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!
Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.
Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни.
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».
Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.
Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.
Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе ’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты.
Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.
Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.
Рӕстгӕнджытыл нымад уӕд уыдзыстӕм, ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз, Уый нын куыд загъта, афтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм“.
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Мӕ хуртӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.