Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 18:4
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрмӕст сын сӕ фыртты нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг зӕгъы: «Йӕ фырты азымы тыххӕй фыдӕн марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй та — фыртӕн: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла».


цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.


Кӕд дӕ цот Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой, уӕд сын сӕ тӕригъӕды аккаг фӕци.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.


Уымӕн ӕмӕ-иу алкӕмӕн дӕр мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты йӕхи фыдракӕндтӕм гӕсгӕ: цъӕх сӕнӕфсир чи бахӕра, уымӕн-иу фехӕлдзысты йӕ дӕндӕгтӕ».


Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.


Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕмбисонд нал дзурдзысты Израилы.


Рӕстгӕнӕг чи у, йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ раст кӕмӕн сты,


Ӕнаккагӕн, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, ӕмӕ йын ды зонд куынӕ амонай, уыцы ӕнаккаг фӕндагӕй раздӕх ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ, зӕгъгӕ йын куынӕ дзурай, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕни йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг исдзынӕн дӕуӕй.


Ӕнаккагӕн Ӕз афтӕ куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ды рагацау куынӕ бахизай, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза, уый тыххӕй, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


«Дунедарӕг, ӕппӕт цӕрӕг удтӕн царды комулӕфт дӕттӕг Хуыцау, ацы дзыллӕйӕн сӕ сӕргъы ахӕм адӕймаджы сӕвӕрӕд,


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла.


Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ