2 «Израилы зӕххыл ахӕм ӕмбисонд цӕмӕн дзурут: „Туаг сӕнӕфсир фыдӕлтӕ хордтой, цъӕхдӕндаг та сӕ цот фесты“?
Сӕ байзӕддагыл сын рахӕтдзӕн Хуыцау? Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Чи уын радта уыцы бар, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат, мӕгуырты удхарӕй марат?» — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн».
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
«Адӕймаджы фырт! Уый уӕм цавӕр ӕмбисонд фӕзынд Израилы зӕххыл, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уыдзӕни, зӕгъгӕ?
Ӕмбисӕндтӕй чи фӕдзуры, уый зӕгъдзӕни дӕуӕй: „Чызг — йӕ мады халдих“.
«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.
Дунедарӕг мын загъта:
Сымах фӕрсут, фыды азым фыртӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрдомдӕуа, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фырт рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын у, Ме ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын нымайы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.
Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕмбисонд нал дзурдзысты Израилы.
Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут,
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».
уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз райсдзынӕн Йосефы лӕдзӕг, Ефрем ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилаг хӕдзарвӕндӕгты къухы чи ис, уый, Иудӕйы лӕдзӕгимӕ йӕ баиу кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ сараздзынӕн иу лӕдзӕг, баиу уыдзысты Мӕ къухы“.
Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.
«Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: се сӕфт ӕрцыд Израилы адӕмӕн, йе сӕфт ӕрцыд ӕппӕт зӕххӕн дӕр.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй ацы фӕлтӕр баййафдзӕн ӕфхӕрд.
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»