Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 17:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Цы ’нхъӕлмӕ кӕсы уыцы бӕласмӕ? Йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзысты, йӕ дыргътӕ йын ӕртондзысты, ӕмӕ бахус уыдзӕни. Цы ’взонг талатӕ суагъта, уыдон иууылдӕр бахус уыдзысты. Уый йӕ бындзарӕй стонынӕн стыр хъару ӕмӕ бирӕ адӕмы сӕр нӕ бахъӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 17:9
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не ’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“».


Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».


Фӕлӕ йӕ кӕд ныссагъдӕуыд, уӕддӕр ын ницы бантысдзӕн. Бахуыскъ уыдзӕни, куыддӕр ыл скӕсӕйнаг дымгӕ ӕрбадыма, афтӕ. Бахуыскъ уыдзӕни, цы бынаты ӕрзад, уым“».


Бӕлас ныссагъдӕуыд бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, цӕмӕй айтындза йӕ къалиутӕ ӕмӕ радта дыргъ — суа диссаджы сӕнӕфсир бӕлас.


Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.


Моисей загъта: «Цӕуылнӕ хъусут Дунедарӕгмӕ? Хорзмӕ уын нӕ рауайдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ