Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ноджы ма уыд ӕндӕр стыр цӕргӕс дӕр, фӕтӕнбазыр ӕмӕ хъуынджын. Ӕмӕ йӕм ацы сӕнӕфсир бӕлас аздӕхта йӕ уидӕгтӕ ӕмӕ йӕм айвӕзта йӕ къалиутӕ. Кӕм ӕй ныссагъдӕуыд, уыцы бынат ын цас дон лӕвӕрдта, уымӕй фылдӕр ын лӕвӕрдта цӕргӕс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 17:7
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.


Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ.


Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»


Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы ’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ.


Бӕлас ныссагъдӕуыд бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, цӕмӕй айтындза йӕ къалиутӕ ӕмӕ радта дыргъ — суа диссаджы сӕнӕфсир бӕлас.


Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд, дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ, йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл, ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ