Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы ’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 17:6
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.


Сӕнӕфсир тонын афонӕй раздӕр, сӕнӕфсиртӕ дидинӕг куы ракалой ӕмӕ сӕ гагатӕ рӕгъӕд кӕнын куы байдайой, уӕд сын ӕхсӕдӕн кардӕй ӕркӕрддзысты сӕ къабузтӕ, асӕтдзысты сын сӕ зӕнгтӕ ӕмӕ сӕ аппардзысты.


цӕмӕй йын уыцы паддзахад уа коммӕгӕс ӕмӕ йӕхиуыл дӕр мауал схӕца, йӕ фидыд дӕр ма фехала.


Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау.


Ноджы ма уыд ӕндӕр стыр цӕргӕс дӕр, фӕтӕнбазыр ӕмӕ хъуынджын. Ӕмӕ йӕм ацы сӕнӕфсир бӕлас аздӕхта йӕ уидӕгтӕ ӕмӕ йӕм айвӕзта йӕ къалиутӕ. Кӕм ӕй ныссагъдӕуыд, уыцы бынат ын цас дон лӕвӕрдта, уымӕй фылдӕр ын лӕвӕрдта цӕргӕс.


Донбыл сагъд сӕнӕфсиры талайау — дӕ мад, донарӕхы фӕрцы — къабузджын, дыргъджын.


Сӕ паддзахад иннӕ паддзахӕдтӕй уыдзӕни лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕз сӕ ӕрӕлхъивдзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты мауал ӕфхӕрой.


Мӕнӕу куы сзадис ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд мӕгъӕлда дӕр фӕзынди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ