5 Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау.
Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.
Моавы адӕм сӕ фӕллой Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.
Кӕрдӕджы ӕхсӕнты сӕ сӕртӕ сдардзысты донбыл зайӕг гӕды бӕлӕстау.
Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.
Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.
Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты,
Ӕвзонг къалиутӕн ратыдта сӕ уӕллагдӕр ӕмӕ йӕ ахаста сӕудӕджерты зӕхмӕ, сӕудӕджертӕн сӕ сахармӕ.
Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы ’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ.
Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд, дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ, йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл, ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.
О, ацы бӕлас басгуыхти бӕрзонддӕр, стӕй къабузджындӕр хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй, йӕ къалиутӕ дӕр донӕфсӕстӕй райрӕзтысты.