Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 17:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд, радта дзырд ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодта. Гъемӕ нӕ аирвӕздзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 17:18
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.


Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр.


Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.


Ӕз афтӕ зӕгъын: байхъус паддзахы фӕдзӕхстмӕ, афтӕмӕй Хуыцауы раз дӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕ.


Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!


Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»


«Сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уый амӕлдзӕни, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы сахары, Вавилоны, уымӕн ӕмӕ ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Сомы кӕнын! Мӕ ардбахӕрды сӕрты Мын кӕй ахызт ӕмӕ Мын Мӕ фидыд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йыл йӕ азым ныххуырсдзынӕн.


Иузӕрдион ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй йын ард чи бахордта, уыцы адӕм ацы дӕсныфӕрсӕн схондзысты мӕнг. Фӕлӕ сын Вавилоны паддзах ӕрымысдзӕн сӕ ард ӕмӕ сын сӕ сахар байсыныл ныллӕудзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ