Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 16:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз дӕ донӕй цӕхсадтон, дӕ тугтӕ дын ӕрӕхсадтон ӕмӕ дӕ оливӕйы сойӕ байсӕрстон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 16:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахӕм адӕймаг райсдзӕни Дунедарӕджы, йӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, арфӕ ӕмӕ хорзӕх.


Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.


Уый фӕстӕ дын дӕ уӕлӕ скодтон нывӕфтыд дарӕс, дӕ къӕхтыл — гогырӕ сӕракӕй дзабыртӕ, дӕ астӕу дын ӕрбатыхтон гӕн хъуымацӕй, зӕлдагӕй дӕ ӕрӕмбӕрзтон.


Цы бон райгуырдтӕ, уыцы бон дын дӕ бикъ дӕр нӕ ралыг кодтой, донӕй дӕр дӕ нӕ цӕхсадтой, не ссыгъдӕг кодтой, цӕххӕй дӕр дӕ нӕ байсӕрстой, хӕцъилты дӕр дӕ нӕ батыхтой.


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


Уыдонӕн се ’ппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы.


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ равзӕрста Йӕхицӕн.


Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Ӕртӕ ӕвдисӕны та зӕххыл ис]: Уд, дон ӕмӕ туг. Ӕмӕ се ’ртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у.


Дӕхи цынай, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй дӕхимӕ базил, дӕ дзӕбӕхдӕр фӕлыст скӕн ӕмӕ мусмӕ фӕцу. Ӕрмӕст, цалынмӕ бахӕра ӕмӕ бануаза Боаз, уӕдмӕ йӕм дӕхи ма равдис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ