Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 16:57 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

57 фӕлӕ уалынмӕ раргом сты де ’наккаг хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы арамейаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ алыварс цӕрджытӕ, стӕй филистимаг чызджытӕ дӕуӕн алырдыгӕй фидистӕ куы кодтой, уӕды заманау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 16:57
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ; уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты Дӕ нывондхӕссӕныл.


Паддзах Ахазы амарды аз уыдис ахӕм рагуац:


Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!


Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.


Дӕ хъал бонты заман дӕ хо Содомӕн йӕ кой дӕр никуы скодтай,


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ азым уӕхӕдӕг кӕй ӕрымысыдыстут, уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй раргом сты, уый тыххӕй сымах бахаудзыстут уӕ фыдгулы къухтӕм.


Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ды бануаздзынӕ, дӕ хо кӕй бануӕзта, уыцы фыдӕхы арф ӕмӕ стыр кӕхц. Уый куыд стыр у, афтӕ тынг фӕхудинаг ӕмӕ фӕаллайаг уыдзынӕ.


Дӕ базайрӕгтӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодтой арамейӕгтӕ дӕр. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой ӕрвхуыз зынаргъ дуртӕ, сӕнт сырх хъуымӕцтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, кораллтӕ ӕмӕ лалтӕ.


Ӕз дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ алыварс адӕмтӕ ӕмӕ, дӕ цурты чидӕриддӕр цӕуа, уыдон дын дӕ худинаг куыд уыной, афтӕ.


Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.


Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.


Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.


Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.


Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ